Централон æвзарæн  камис ног сæрдары  сывзардзæн
Централон æвзарæн камис ног сæрдары сывзардзæн

Гуырдзыстоны   Централон æвзарæн  камис абон ног сæрдары  сывзардзæн.

ЦÆК-ы   уæнгтæ сæрдары   сусæг  халæппæрстæй  сывзардзысты.  Сæрдары  сывзарынæн æнæмæнгхъæугæ у  кандидат   ЦÆК-ы  12  лæгон скондæй хъæлæсты  дыууæ  æртыккæгæм  хай  æрымбрд кæна.

Регламентмæ гæсгæйæ,  уыцы цауы, кæд  æмæ камисы   уæнгтæ сæрдары  сывзарын нæ  бахъом  уыдзысты, уæд  æвзарæн  саразын тыхыбын бауыдзысты  закъондæтджытæ.  Гуырдзыстоны парламент  хæсджы уыдзæн   президенты   бавдыст æртæ  кандидатæй  иуы авд  боны æмгъуыдмæ  сывзарын.

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, ЦÆК-ы  сæрдары  постмæ,  раразмæ кодта Тамар Жваниайы, Мариам Шелегиайы æмæ  Владимер Божадзейы 21  декабры.

Гуырдзыстоны централон  æвзарæн  камисы  рабадт райдайдзæн  14:00  сахатыл.