Цавæр цауты уыдзæн гæнæн дывæр æмбæстагдзинад - закъондæттæн ивдытæ ныридæгæн æрцæттæ сты
Цавæр цауты  уыдзæн гæнæн  дывæр  æмбæстагдзинад -  закъондæттæн ивдытæ  ныридæгæн  æрцæттæ сты

Парламенты  бюройы  абоны  рабадтыл  «æмбæстагдзинады фæдыл»   закъонопроекты  иницирдзинад æрцæудзæн,  кæцыйы   зæрдыл даргæйæ,   гоймагæн   Гуырдызстоны  æмбæстагдзинады  уæлвæтк  æгъдауæйц,   раттыны   фарст  фæбæрæг уыдзæн.

Закъонопроекты  инициатор у  юридикъон фарстыты   комитет,  ивындзинæдты  æрцæттæ Гуырдзыстоны  конституцимæ  хаст  ивдтыты тыххæй   бахъуыд,  кæцытæм гæсгæ  дæр   дывæрон æмбæстагдзинады  райст гæнæн суыдзæн.

Проектæй  бæрæг кæны, цæмæй    æндæр бæстæйы  æмбæстагдзинады  райсты  цауы,   Гуырдызстоны æмбæстагæн  афтæдæр ныууадздзысты  Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад,   кæд уый  фæнысангонд  бæстæйы   æмбæстагдзинад райсты  онг   Гуырдзыстоны   паддзахадæй,  райсдзæн разыдзинад  Гуырдзыстоны  æмбæстагдзинад  ныууадзыны  фæдыл.  Йæхи æрдгæй,   æмбæстагдзинады  химæ  ныууадзыны  рæстæджы,   гоймаг   хъуамæ æмбæлон уа   ахæм домæнтæм:  Гуырдызстоны  æмбæстагы  бинонты уæнг  уыцы  бæстæйы   æмбæстаг хъуамæ  уа,  кæцыйы æмбæстагдзинад райсын  дæр хъавы,  афтæдæр   Гуырдзыстоны   æмбæстаг  иууыл цъус,  5 азы   дæргъы   закъонон  бындурыл  хъуамæ  фæцæра  уыцы  бæстæйы,  кæцыйы   æмбæстагдзинад райсын хъавы.

Законопроектæй,   нысаниуæгджын  ногдзинад у  рæстæгмæ  бар.  Сæрмагондæй  та,   ивындзинадмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны   раздæры æмбæстагæн, кæцы   æндæр бæстæйы   æмбæстагдзинад   райсты   тыххæй   фесæфта Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад,   уыдзæн йæм  бар,   ацы  закъоны  скусынæй  иу афæдзы    дæргъы,   агентдмæ  баздæха, Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад  æрыздахыны   æркуырдæй.

Уæлдæр  банысангондæй  дарддæр ма,   ивдтытæмæ гæсгæйæ  æмбæстагдзинады  раттыны  тыххæй,   Гуырдзыстоны  цæрыны  ценз дæр ивы.   Сæрмагонрдæй  та,  хуымæтæг  уагæй,   æмбæстагдзинады  раттыны  рæстæджы,   фондз азон    цæрыны  ценщ –  райрæздзæн   10  азы  онг;  фенцондæргонд  æгъдауæй  æмбæстагдзинад райсыны рæстæджы та,   дыууæазон   цæрыны  ценз,   фондз азы  онг фæфылдæр уыдзæн.