ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Саломэ Зурабишвилимæ ис 40.05%, Григол Вашадземæ та – 37.93%
ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй Саломэ Зурабишвилимæ ис 40.05%, Григол Вашадземæ та – 37.93% – уый фæдыл пресс-конференцийыл райхъусын кодта ЦÆК-ы сæрдар.
Тамар Жваниа куыд банысан кодта афтæмæй, 3705 фадыгæй бахыгъд кодтой 512 æвзарæнон фадыгы фæстиуджытæ, кæцы фадгуыты æмтгæйон нымæцы 13.82 % у.
Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæ 73 æвзарæнон зылды ацыдысты. Централон Æвзарæнон камисы информацийæ, æппæт бæстæйы масштабæй 3 637 æмæ уæлвæтк цауæйарызт 11 æвзарæнон фадыг куыста. Фæсарæнты бакæнгæ фадгуыты нымæц та æмтгæйонæй ахæццæ ис 57-мæ. Æвзæрстгæнджыты иууон номхыгъды исс 3 504 082 æвзæрстгæнæг, фæсарæнты регистрацигонд сты 14 795 æвзæрстгæнæг, æмтгæй райсгæйæ – 3 518 877 æвзæрстгæнæг.