ЦÆК-ы  рабадт хъæлæбайы  фоныл цæуы
ЦÆК-ы рабадт хъæлæбайы фоныл цæуы

ЦÆК-ы  рабадт цæуы  хъæлæбайы  фоныл.

Оппозицион партиты  минæвæрттæ  боны  фæткъæй    фыццаг  фарстайы  сисын домынц.

«Уæхии мма  фестын кæнут  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æмæ Саломе Зурабишвилийы штабæй» – афтæ æрсидтис «Националон Змæлды»  минæвар  Давит Киртадзе  Тамар Жваниамæ æмæ рабадты  уæнгтæм.

Оппозици домы цæмæ  ЦÆК  фыццаг  туры  фæстиуджыты бахыгъд  17 ноябрмæ ахæса,  цæмæй  æвзæрстыты  дыккаг тур, уагъд æрцæуа   сабат бон, фыццаг декабры  кæнæ та  17-æм  фæстиуджыты бахыгъды  фæстæ,  протокол зæгъгæ   публикацигонд æрцæуа   иннæ  бон, кæцы уый  нысан кæны цæмæй,  æвзæрстыт дыккаг туры  датæ уыдзæн  2-аг декабр.

Тамар Жваниа  алкæмæ æрсидтис, цæмæй  сæрмагонд хъуыдытæ  барадон агргументтыл  æнцойæ  разæгъой.

«Сабырæй   радзурут уæ  хъуыды,  уæлдайдæр медийы раз,  заъоны  статитæ æвдисгæйæ. Бамбæрстам уæ хъуыды,  рахæсдзынæн æй халæппæрстмæ» – банысан кодта Тамар Жваниа.

ЦÆК-ы  уæнг Зураб  Хрикадзе  æрсидтис   камисы уæнгтæм,  юридикъон  хъазт  ныууадзынмæ.

«Европаг Гуырдзыстоны»  уæнг, Давит Гургенидзе банысан кодта,  цæмæй  хъазты  хуызæн у уый,  æвзæрстыты  дыккаг турмæ гæсгæ  цы фæзындтæ  цæуынц.

Тамар Жваниа  æрсидтис  оппозицийы  минæвæрттæм, дисциплоинæ хъахъхæнынмæ æмæ  сæ зæрдыл  дарæт  цæмæй партиты минæвæрттæ  ЦÆК-ы  уæнгтæ  сты æмæ  цыт кæной ацы статусæн.

«ЦÆК кусы  демократийы   фæтынг кæныныл, уый  тынг дзæбæх æмæ  дырысæй фæбæрæг ис  фыццаг турæй, нейтралон арбитрты æрдгæй  иунæг фиппаинаг дæр куы нæ райстам уымæй» – райхъусын кодта Тамар  Жваниа.