ЦÆК – Коронавирусы пандемийы уавæртæм гæсгæ,  æвзарæнон фадгуытæ байгом пълан кæны 40-ы онг бæстæйы
ЦÆК – Коронавирусы пандемийы уавæртæм гæсгæ, æвзарæнон фадгуытæ байгом пълан кæны 40-ы онг бæстæйы

ЦÆК  æнгом æмкуыст кæны фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ цæмæй фæсарæнты  уæвæг  æвзæрстгæнджытæн   уа  фадат сæ  конституцион бар сыххæст кæнын – уый фæдыл  ЦÆК-ы  прес-спикер  Анна Микеладзе   абоны   брифингыл   райхъусын кодта

Микеладзейы  дзырдæй,  зæгъгæ æвзарæнон  фадгуыты  байгом  пълан кæны  40-ы онг бæстæйы.

«Æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  дунейы масштабæй, æндæр æмæ æндæр бæстæты, хъауджыдæргонд уавæр ис,  ног коронавирусы  ахæлиуы æрдгæй,   министрадæй  лæвæрд  информацийыл æнцойæ,   40-ы  онг бæстæйы, уым цы ран   нын  уыд ныры онг  практиктæ, пълан кæнæм  æвзарæнон фадгуытæ  байгом  кæнын.  Фадгуыты   куысты  баст уыдзæн  бæрæг рæстæджы  конкретон  бæстæйы  пандемийы æрдгæй  уавæг  уавæрыл» – загъта Анна Микеладзе.

ЦÆК-ы  прес-спикеры  фидиуæнæй,  зæгъгæ  парламенты æвзæрстыты  хайад райсынæн, фæсарæнты  уæвæг Гуырдзыстоны  æмбæстгæтæ,  хъуамæ  уой  консулады хыгъды, кæнæ та регистрацигонд хъуамæ  уой   фæсарæнты  адрисыл  Гуырдзыстоны  архайæг закъонмæ гæсгæйæ.

«Уыцы  цауы  кæд  æмæ  фæсарæнты  уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  не сты  консулады хыгъды, кæнæ та сæм нæй  регистраци  фæсарæнты, уыдон   цæугæ  азы  10 октябр хынцгæйæ, хъуамæ регистрацийы ауадзой сæхи   Гуырдзыстоны   æмбæлон  дипломативон   минæварады, кæнæ  консулады.  Консулады хыгъды хи регистрацийы  ауадзынæн нæ хъæуы  фидын.

Уыйимæ иумæ банысан кæнын хъæуы,  цæмæй  æмбæстæгтæтæн  фæнысангонд процедурæ  сыххæст кæнын   сæ  бон  у  электрононæй,  консулады веб-фарсы фæрцы. Бакой уын кæндзыстæм Гуырдзыстоны  кæцыфæнды æмбæстагæн, сæ нымæцы  фæсарæнты, йæ бон у  цыфæнды информаци райсын  ЦÆК-ы  онлайн-чаты  фæрцы» – райхъусын кодта Анна Микеладзе.