Бынæттон медиа -   Уæрæсейы  цы  хæдтæхæг æрхаудта  уый  бæлццæттæй  ничи аирвæзт
Бынæттон медиа - Уæрæсейы цы хæдтæхæг æрхаудта уый бæлццæттæй ничи аирвæзт

Домодедовойæ – Орскъы  æрдæм цы  хæдтæхæг атахт уый æрхаудта Подмосковьейы. Бортыл уыд 71  адæймаг.

Развæлгъау информацийæ,  катастрофæйæ ничи аривæзт.  Бæлцæтты æхсæн  уыдис иунæг сывæллон.

Уæлвæтк   уавæрты   куыстыты минæвæрттæ  бæлцццонон   лайнеры   æрхауды  бынатмæ  ныридæгæн бацыдысты.

Журналистты  информацийæ,  ирвæзынгæнджыты  бынатыл  æрыæййæфтой тынг æвзæр метеорологион   уавæртæ.  Цауы  бынатыл   ныр æнæнцайгæйæ  уары  мит  æмæ  температурæ та  у  -5  градусы.

«Саратовы авиахаххыты»   сæрмагонд хæдтæхæг,    радартæй  фæтар ис    цъус рæстæджы размæ.   Бортыл  фæстаг хъусинагæй   уыдис  71  адæймаг.  Сæ нымæцы    6  экипажы  уæнгтæ.

 

Æрцæугæйы  тыххæй  фæдæвзарæн райдыдта.  Катастрофæйы  бынаты æрдæм араст сты  Уæрæсейы  уæлвæтк уавæрты   куыстыты æмæ   транспорты  министрады  къухдариуæггæнæг  уæнготæ.