Бынæттон медиа – Минскы  антихицауадон демонстрацийы  иууыл цъус 200 мин адæймаг исы хайад
Бынæттон медиа – Минскы антихицауадон демонстрацийы иууыл цъус 200 мин адæймаг исы хайад

Белорусаг информацион  портал  Tut.By –ы бæрæггæнæнтæй  Минскы  центры  цæугæ   антихицауадон   демонстрацийы   иууыл цъус 200 мин  адæймаг исы  хайад.

Манифестацийы  хайад исы æвзæрстыты Александр Лукашенкойы  сæйраг   ныхмæлæууæгы,  президенттæм кандидат Светлана Цихановскаяйы  æмпартиаг  Мария  Колесникова.  Уый  протестон  акцийы  хайадисджыты  æркуырдты тыххæй  райхъусын кодта.

«Раздæры президент йæ куыстæй  йæхи хъуамæ  суæгъд кæнæт. Уый бæстæ тыхмидзинад сцырын кодта»- райхъусын кодта  Колесникова.

Йæхи æрдгæй  Белорусы  мидхъуыддæгты министрад  абон   райхъусын кодта,  цæмæй  Александр Лукашенкойы  фарсхæцæг акцимæ рацыд 65 мин адæймаг. Йæхæдæг Лукашенкойы дзардæй ралæуды рæстæджы   акцийыл уæвæг æмбæстæгты нымæц    50 мины онг  банымадтой.  Паддзахадон  медийы  хъусинагæй та, митингы  хайад истой  70 мин адæймаг.