Брюсселы, «Скæсæн Партнерады» 10 азы  сæры   юбилеймæ  гæсгæ   байгом уыдзæн министериал
Брюсселы, «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæры юбилеймæ гæсгæ байгом уыдзæн министериал

«Скæсæн Партнерады» 10 азы  сæры   юбилеймæ  гæсгæ  Брюсселы  абон  фæсарæн хъуыддæгты министериал байгом уыдзæн. Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ «Скæсæн партнерады»  æхсæз уæнгы – Гуырдзыстоны, Украинæйы, Молдовæйы, Белорусы, Сомихыстоны æмæ  Азербайджаны  делегацитæн сфысым кæндзысты.

Министериал    бынæттон рæстæгæй, 10:00  сахатыл ( Тбилисы рæстæгæй 12:00)  райдайдзæн.   Фембæлдыл  фæрстæ  10  азон  партнерадыл, иумæйаг  æмгуыстадыл  æмæ  фидæны  плæнтты   афтæма,   2020 азы   стратегийыл   фæуынаффæ кæндзысты.

Министериалы  хайад райсдзæн  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани.

Боны дыккаг æрдæджы та европæйаг    советы президент  Дональд Тускъ  «Скæсæн партнерады»  юбилейон  æхсæвæрыл   делегациты разамонджытæн   сфысым кæндзæн,   кæцыйыл   афтæдæр уыдзæн Гуырдзыстоны   делегацийы  къухдариуæггæнæг,  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг хайад райсдзæн  14  майы   плангонд  бæрзонд рангы  конференцийы  дæр.

Брюсселы дыууæбонон мадзæлтты   фæлгæтты, Гуырдзыстоны  премьер-министрæн плангонд сты  фембæлдтæ  6 æндæр æмæ æндæр раны, сæ нымæцы  Евроцæдисы вице-президент  Жан-Кълод Юнкеримæ.

Евроцæдисы  сæрдар бæстæ Румынийы  инициативæйæ,  13  зæрдæвæрæны министериал  æмæ   14 июны  бæрзонд рангы   конференцийы  фæстæ,  æнхъæлцау  райсдзысты  юбилейон  куырдиат,  кæцыйы мидæг   аргъ скæндзысты   Евроцæдисы  æмæ  «Скæсæн партнерады»  10  азон   ахастытæн,   иумæйаг проектытæн  æмæ  фидæны   æмгуыстады   приоритеттæн.