Бритайнаг штаммæй цы хонынц уый, Гуырдзыстоны сбæрæг ис 31 адæймагæн
Бритайнаг штаммæй цы хонынц уый, Гуырдзыстоны сбæрæг ис 31 адæймагæн

Низты контролы  националон центры  къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы  информацийæ,  зæгъгæ  бритайнаг штаммæй  цы  хонынц  уыцы вирус Гуырдзыстоны сбæрæг ис  31  адæймагæн.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы Амиран Гамхърелидзе  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   бæстæйы   ацы  штаммы  ахæлиуы риск ис, фæлæ исты ног сæрмагонд  зындзинæдтæ нæ расайы.

Гамхърелидзейы  дзырдæй,  зæгъгæ базарыл  уæвæг  вакцинæтæ  а.х. бритайнаг штаммыл дæр тых кæнынц.

«Бæлвырд у æртæ кластер ис бритайнаг штамимæ.  Ардгæй дыууæ   импортиргонд цаутæ  сты,  иуы фæдыл цæуы иртæст.  Ацы æртæ кластеры  æдæппæт ис  31  адæймаг. Гæнæн ис  ацы 31 цауы  уа  мутаци бавзарæг штаммæй, фæлæ  клиниконæй  сæ иу дæр нæу  уæззау.

Мах джæр Европæйы хай стæм  æмæ  дзы  цаутæ  махмæ дæр уыдзæн, фæлæ  амондæн,  банысан кæнын хъæуы уый цæмæй,  ахæм штамм фылдæр фæсивæды  сбæрæг вæййы  æмæ  цъус цырддæр хæлиу кæны, фæлæ  уымæй  фыддæр йын ницы   сæрмагонд миниуджытæ ис.  Иртæстæй  сбæрæг ис, цæмæй  ацы вакцинæтæ, кæцытæ абон базарыл ис,  фæнысангонд штаммы ныхмæ дæр  сты» – райхъусын кодта  Амиран Гамхърелидзе.