Бритайнаг  медиа фыссы, цæмæй Ирландийы Уæрæсейы фæдысмудджыты активондзинад фæбæрæг ис
Бритайнаг медиа фыссы, цæмæй Ирландийы Уæрæсейы фæдысмудджыты активондзинад фæбæрæг ис

Ирландийы   барадхъахъхъæнæг  уагдæттæ  зæрдæхсайд сты, цæмæй   Уæрæсейы   спецкуыстыты  минæвæрттæ   Ирландийы   донбылы  цур  уæвæг  оптикон-тагджын   телты  бынат  сбæрæг кæнын   архайынц, – уый фæдыл  хъусын кæны  «Сандей Таймс».  Океаны  быныл уæвæг   тел   иу кæны  Европæ æмæ АИШ-æ.

«Сандей Таймс» фыссы,  цæмæй зæгъгæ  «Уæрæсейы  фæдысмудджытæ архайынц,  интернет  хызагы  лæмæгъ  бынæттæ   раргом кæнын,  кæцыйæ  гæнæн ис,   фидæны  диверситæн спайда кæной».

Уæрæсейы æрдгæй   трансантлантикон  телты  æрдæм  баинтересы  фæдыл  информаци,  фыццаг хатт,   2015 азы   ахæлиу ис,  кæцы рæстæджы дæр  америкаг æфсæддæттæ   Европæ æмæ  Америкæйы   иугæнæг   хызагы  цур,  фæфиппайдтой  уырыссаг дæлдон наутæ.

Журналистты  ссаргæ   информацийæ, зæгъгæ  Ирландийы  спецкуыстытæ  æнхъæлынц, цæмæй  Уæрæсе  Ирландийы  контррагысгарæг  куысты  иувæрсты, Ирландийæ  пайда кæнынц   куыд сæрмагонд базæйæ.