Бразилий-Мексикæйы матч  лæвæрд æрцæудзæн Дыккаг Къаналыл
Бразилий-Мексикæйы матч лæвæрд æрцæудзæн Дыккаг Къаналыл

Вазыгджын спортивон   ранывæзты тыххæй,   абон  боны   фыццаг   æстæмфиналон   матч,   кæцыйы  кæрæдзиимæ  æмбæлынц  Бразилийы æмæ Мексикæйы  æмбырдгæндтæ, лæвæрд æрцæудзæн   Æхсæнадон  Уацхæссæджы  Дыккаг Къаналы  эфиры.

Уый аххос у   Гуырдзыстоны æмæ  Австрийы   баскетболы  æмбырдгæндты  æхсæн    плангонд  матч,  кæцы  Тбилисы   спорты  галуаны  ацæудзæн  æмæ   комкоммæ репортаж  Фыццаг Къаналыл райдайдзæн 19:00 сахатыл.

Цыдæриддæр Бельгийы æмæ  Японийы  иннæ   æстæмфиналон матчмæ æххæссы,  уый  фенын уæ бон уыдзæн  Фыццаг Къаналыл  22:00 сахатыл.