Борис Джонсоны  рынчындонæй рафыстой
Борис Джонсоны рынчындонæй рафыстой

Британийы   премьер-министр  Борис Джонсоны  рынчындонæй рафыстой. Уый  фæдыл   информаци, хъусын кæны  «ВВС», Британийы  хицауады администрацийыл æнцойæ.

Борис Джонсонæн  Лондоны  Сыгъдæг Томас ы номыл рынчындоны   «Ковид 19»-æй  хос кодтой.  Британийы   хицауады  сæргълæууæгы   интенсивон  терапийы   хайады  уыдис.   «ВВС»  фыссы, цæмæй   Борис Джонсон   йæ  куыстмæ  нырма  нæ æрыздæхдзæн.