Борис Джонсон – ис нæм бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсе хъæстæгæнæн буарадтæ кæй æмбырд кæны уый фæдыл
Борис Джонсон – ис нæм бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсе  хъæстæгæнæн буарадтæ кæй æмбырд кæны уый фæдыл

Стыр Британийы  фæсарæн хъуыддæгты министры  дзырдæй,   Лондонмæ ис  бæлвырдгæнæнтæ,  цæмæй  фæстаг  10 азы дæргъы   Уæрæсе   нервонзпараллизгæнæг   буарадтæ  цæттæ  кодта  æмæ ацы химикон   буарадтæ æлхæдта.  Ацы  фидиуæны  Борис Джонсон  «ВВС»-ы  комкоммæ эфиры   сарызта.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   æввахсдæр бонты,  Стыр Британийы æдасдзинады  совет, Уæрæсейæн ног санкциты  сбæлвырд кæныныл  æртæрхон кæндзæн,  кæцыты райсын  Британийы  хицауад хъавы,  Мæскуы  бриатйнаг  дипломатты кæй  раддæдуар кодта  уый  тыххæй.

«Мах фæдфæдонæй   ахстам æмæ ерын дæр  ахсæм  хъæддых  позици  Кремлы æрдæм æмæ   егъау æхсæнадæмон  æнцой дæр райстам.  Абон Уæрæсе  аззад иунæгæй,   уый  æххæстæй изолиргонд у.  Ацы  фактæй  у бæрæг Британийы æмæ  Путины æхсæн хъауджыдæрдзинад.  Ис нын  хæлæрттæ,  Путинæн та  нæ!»- расидтис Борис Джорнсон.

Стыр Британийы  фæсарæн хъуыддæгты министры   ныхæстæм  гæсгæ,  къуырисæры Лондонмæ  ныццæудзысты химикъон  хæцæнгарзы æхсæнадæмон специалисттæ, кæцытæ  химикъон   хæцæнгарзы фæтобæйы   организацийы минæвæрттæ сты.  Уыдон Солсберийы  фæхъстæгонд   раздæры уырыссаг рагысгарæгы  æмæ йæ  чызджы  хъуыддагимæ  æрзонгæ уыдзысты  æмæ   нервон-парализгæнæг  маргы  хуызæгтæ  бацахуыр кæндзысты.  Иртасæны фæстиуджытæ фæбæрæг  уыдзысты   дыууæ къуыримæ.