Борис Джонсон   Эстонийы   НАТО-йы   миссийы  фæлгæтты  дислоциргонд  бритайнаг æфсæддæттæм фæуазæг ис  æмæ  сæн  цыппурсон хæринаг  байуæрста
Борис Джонсон Эстонийы НАТО-йы миссийы фæлгæтты дислоциргонд бритайнаг æфсæддæттæм фæуазæг ис æмæ сæн цыппурсон хæринаг байуæрста

Стыр  Британийы   премьер-министр, Борис Джонсон   Эстонийы   НАТО-йы   миссийы  фæлгæтты  дислоциргонд  британийы  æфсæддæттæм фæуазæг ис  æмæ  сæн  цыппурсон хæринаг  байуæрста. Эстонийы   Таллинмæ  хæстæг  уæвæг Тапайы  æфсæддон базæйл    службæ  кæнынц  850  бритайнаг  æфсæддоны.

Эстонийы  æфсæддон базæмæ  визиты рæстæджы  Борис Джонсон   бахахх кодта   Иугонд Паддзахады  æмзæрдæдзинад  НАТО-мæ æмæ альянс хæсджын кæй у   Уæрæсеимæ эстонийы   хурыскæсæн  арæны хъахъхъæна.

«Æввахсдæр бонты  мах алкæй  хæдзæртты   иумæ сбæрæгбон кæндзыстæм  Цыппурс.  Сымах   та  ам уыдзыстут,  дард, тынг  уазал  ран.   Сымах  цы  аразут уый  у  нæуырынаг нысаниуæгджын, уымæнæ  растдæр  уе  сгухтдзинад у  уый, цæмæй нæ бæстæйы  алкæмæн йæ  бон  у  сабырæй æмæ æдæрсгæйæ  сбæрæгбон кæнын.  Уæ  куыстæй  зыны  цæмæй НАТО кусы, æмæ  цæмæй  НАТО  у альянс, кæцымæ нæ  бæстæ  абсолютонæй  æмзæрдæ у» – райхъусын кодта  Джонсон.

Борис Джонсон афтæдæр  фембæлд   Эстонийы  премьер-министримæ æмæ   йын  раарфæ  кодта  Бритайнаг æфсæддæтты  æрдæм  уазæгуарзон ахасты тыххæй.

Бритайнаг æфсæддæтты  батальон Эстонийы   2017  азæй  æрлæууыд,  Украинайы  Уæрæсейы  агрессийы  фоныл   альянс  хурыскæсæн флангы хъахъхъæдыда  фæтхынгдæр кæнын  куы  ахицæн кодта  уый фæстæ.