Борджомы комы зынгсирвæзтæй зиангонд хъæды сæндидзыны куыстытæ сентябры райдайдзысты
Борджомы  комы зынгсирвæзтæй  зиангонд  хъæды  сæндидзыны   куыстытæ  сентябры райдайдзысты

Борджомы  комы, Дабайы   хъæуы.  2008  æмæ 2017  азы  августы  мæйы,   зынгсирвæзтæй  зиангонд  хъæды  сæндидзыны   куыстытæ  цæугæ азы  сентябры райдайдзысты.

Националон хъæды  агентады информацийæ, проекты сыххæсты  онг   хъæды массивы   ссыгъдæггæнæн   мадзæлттæ цæуынц,  кæцæй дæр фылдæр , зынгсирвæзтæй зиангонд æмæ калд   бæлæстæ  ласынц.Майы  периметрыл  æмбонд сног кодтой, афтæдæр зынгсирвзты рацалцæг сты ныхмæ   къахвæндæгтæ.

Хъæды  агентады  хъусинагæй,   зынгсирвæзты  периметр  943 гектар  у. Уырдгæй   фылдæр   у  2008 азы  сыгъд  территори. Фыццаг  этапыл  (2018-2019  азтæ)   сæндидзын кæндзысты  250 гектары.  2018 азы  сентябрæй  райдайдзысты садзæнтæ  садзын  æмæ тауын.  Хъды  сноггæнæн мадзæлттæ  уагъд  æрцæудзысты 144  гектар фæзуатыл, ныссадздзысты  400 000 ы  онг садзæн. Куыстытæм раздæрон азты  куыд уыд   афтæмæй,   бакусын кæндзысты  бынæттон цæрджыты.