Болгарий Уæрæсейæ йæ минæвары фæстæмæ ахондзæн
Болгарий  Уæрæсейæ  йæ минæвары фæстæмæ ахондзæн

Болгарий  Уæрæсейæ  йæ минæвары фæстæмæ ахондзæн.  Болгарийы  хицауады ахæлиугонд  фидиуæны,  банысангонд у, цæмæй   Болгарийы  премьер-министр  Бойко Борисов  телефонæй  фæдзырдта  Мæскуыйы  уæвæг Болгарийы минæвармæ  Бойко  Коцевмæ, æмæ  йын  консультациты нысанæй,   фыдыбæстæмæ æрыздæхыны  барамынд ратта.

Ацы къахдзæф  Болгарийы  хицауад сарызта, Стыр Британийы  цы уырыссаг дывæрон агенты   Сергей Скрипалы  фæхъæстæ  кодтой, уый  хъуыддаджы тыххæй.  Уæдмæ  Болгарийы  райхъусын кодтой, цæмæй  бæстæйæ  уырыссаг  дипломатты  раддæдуар кæнын  нæ х]авынц.

Бакой уын кæндзыстæм, Сергей Скрипалы  æмæ йæ  чызджы  фæхъæстæйы  хъуыддагмæ гæсгæ,  20-æй фылдæр бæстæ,   уырыссаг дипломатты раддæдуар кодтой.