Бодбисхевийы базары цур Алеко Элисашвилимæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» активисттæ æмæ сакребулойы депутаттæ фæбыцæу сты [видео]

Сигънагъы муниципалитеты Бодбисхевийы   базары цур  æмбæстагон змæлды лидер Алеко Элисашвилимæ, Сигънагъы муниципалитеты  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  активисттæ æмæ   сакребулойы   депутаттæ  фæбыцæу сты.   Элисашвилийæн  камапни «Раргом  кæнæм феодал  мажоритарты»  ауадзыны фадат нæ раттой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн змæлды  Телавы  организацийы  къухдариуæггæнæг Нино Гоголашвили  куыд фехъусын кодта   афтæмæй,    уыйы  сакребулойы   депутат  Илиа  Баипишвили   дзырдæй æмæ  физикъонæй  бафхæрдта,   цæй тыххæй дæр бынатыл   мобилизацигонд пъæлицæй  уыйы  æрцахста.

« Нæ нын дæттой   цæрджытимæ  фембæлыны фадат. Ныр нæ пъæлицæй  иргъæвы æмæ фембæлд уадзæм.  Инцидент фæцис æмæ хъуыды  кæнæм, адæмимæ  фембæлд ауадзыны æмæ ныхасы нæ  ныр ницыиуал бахъыгдардзæн» – райхъусын кодта Гоголашвили.

Мидхъуыддæгт министрад  ахсты факт нæ бæлвырд кæны.  Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн МХМ-ы куыд  фехъусын кодтой  афтæмæй,   инциденты рæстæджы, иу  гоймагы   цауы  бынатæй  аиуварс  кодтой.