Бизнесы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй хицауад  базарадон объектты  куысты сахатты æмæ  бонты фæдыл арæнæвæрдтыл тæрхон кæны
Бизнесы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй хицауад базарадон объектты куысты сахатты æмæ бонты фæдыл арæнæвæрдтыл тæрхон кæны

Базарадон центр «Карваслайы»  директор Зураб  Шавлахъадзе, хицауады  администрацийы  бизнес-секторы минæвæрттимæ фембæлды фæстæ  хъусын кæны, цæмæй  фембæлдыл  ныхас цыдис  æнхъæлмæкæсинаг  регуляцитыл.

Сæрмагондæй та, Зураб  Шавлахъадзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   кастæуы кусæн сахатты æмæ бонтимæ баст  арæнæвæрдтæ,  фæлæ  скуыддзаг нырма ист нæу.

«Гæнæн ис  арæвæрд æрцæуа  куысты сахаттæ,  куыстбонтæ.   Скуыддзаг тагъд райсдзысты.  Куыд зонын афтæмæй,    радон фембæлд  цæуы  базарты  минæвæрттимæ» – райхуъсын кодта  «Карваслайы»  директор  финансты æмæ   инфраструктурæйы  министртимæ  бизнессекторы  минæвæртты фембæлды фæстæ.

Афтæма, «Иси-Пари»-ы  генералон директоры Майя  Папалашвилийы  дзырдæй,   зæгъгæ план кæны   æххæст локбаун нæ фæлæ  арæнæвæрдтæ фæкарз кæнын.

«План кæнынц  ног арæнæвæрдтæ,   афтæма  архайæгы фæкарз кæнын,  фæлæ  сегасдæр сæйраг уый у цæмæй,  æххæст локдаун  нæ уыдзæн.  Хъуыды кæнæм  иумæ  цыдæр консессусмæ æрцæудзыстæм  æмæ  скуыддзаг рахæсдзыстæм,  цæмæй  нæдæр эпидемийы  ахæм цырд  ахæлиу  уа, æмæ бизнес дæр   ацы  уавæрæй фервæза.   Æрыхгæдыл  ницы скуыддзаг ис нырма.   Æмбæлынц  абсолютонæй  алкæцы  секторимæ  æмæ   сæ фæнды,  ахæм скуыддзаг рахæссын, кæцы  эпидемийы бауромдзæн  æмæ  бизнес дæр  нæ базиан кæндзæн.

Ныхас цæуы  куыд сахатгай  арæнæвæрдтыл, афтæма  бонтæм гæсгæйæ.   Каст нырма  цæуы.   Ницы  скуыддзаг у  ист.  Цымидис кæнынц,  нæ  цæстæнгасæй.  Скуыдыдзаг  рахæссыны  датæйы  тыххæй  ничи  ницы  загъта» –  райхъусын кодта  «Иси-парийы»   генералон директор.