Бизнесæн Европæйы сеппæтæй хуыздæр бæстæты рейтингы Гуырдзыстон ахсы 18 –æм бынат
Бизнесæн Европæйы  сеппæтæй  хуыздæр  бæстæты рейтингы Гуырдзыстон ахсы 18 –æм бынат

Бизнесæн Европæйы  сеппæтæй  хуыздæр  бæстæты рейтингы   Гуырдзыстон ахсы  18 –æм бынат.

Сеппæтæй  хуыздæр  европаг  бæстæтæ бизнесæн – ахæм сæргондæй публикаци кæны  æрвылазон  хыгъдлæвæрд   EuCham, кæцыйы  мидæг Гуырдзыстон,  лæвæрд 69 баллæй,   Европæйы  46  бæстæйы æхсæн  18-æм бынат ахсы.

Иртасæн æнцойæвæрд у  Дунеон Банкъы æмæ   Æхсæнадæмон Валютон Фонды  индекстыл,  дыууæ сæйраг индикаторыл.

Адон сты  бизнес-амал кæныны  хыгъдлæвæрд æмæ   коррупцийы   фиппайыны  индексы  балл.  EuCham-ы лæвæрд баллтæ,   æмтгæй  райсгæйæ   сбæрæг вæййы  корпоративон æрдзы,  закъондæттынады, хицауадон политикæйы,  социалон  климаты æмæ  уавæрты зæрдыл даргæйæ,  кæцы дæтты фадат, кæнæ  хъыг дары  хицæн секторы  арххæйдытыты,  райдайа,  амал кæна  æмæ  парахат кæна,  куыд цыбырæмгъуыдон, афтæ  дæргъвæтин перспективæйы.

EuCham-ы рейтингы  аргълæвæрд  нулæй  100-ы онг  баллæй  у. Номхыгъды  сæры  уæвæг Данийы рейтнг – 86 балл у.  Бизнесæн  сеппæтæй  хуыздæр  европаг  бæстæтæ сты: Даний, Норвегий, Финлянди, Швеци æмæ  Иугонд Паддзахад.

Фæнысан кæнинаг  у,   цæмæй  Гуырдзыстон  EuCham-ы  ацы азы  рейтингы  йæ  бæрæггæнæнтæ  дыууæ  позицийæ  фæхуыздæр кодта.  2017 азы  хыгъдлæвæрды, Гуырдзыстон уыд 20-æм бынатыл.