Бидзина Иванишвили – уый амбици æмæ претензий мæм ис, цæмæй иу афæдзмæ цæрджыты бауырнæт, цæмæй сын хъусдараг хицауад ис, мæнæн партий æндæр ницæмæй у аргъджын
Иу афæдзы дæргъы равдисдзынæн æнæ æрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма Европæйæн дæр, цахæм демократий гæнæн ис саразын Гуырдзыстоны – уый фæдыл партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили алæвæрд «Имеди Live» райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æххуырст хицауад æрвылбойнон режимы архайы адæмы цардуаг рæувадат дæр скæнын.
«Ацы фоныл, адæмы хцайæ æххуырст, хицауад максималонæй мобилизацигонд хъуамæ уа. Иу фæзилыны бар дæр йæм нæй. Æххуырс хицауад æрвылбойнон режимæй архайы, цæмæй адæмæн йæ цард фенцондæр кæна. Ацы процесс уыдзæн иудадзыг, уый уырнын кæнын дзыллæйы. Æз райстон мæхимæ бæрн æмæ загътон – иу афæдз.
Иу афæдзы дæргъы уын равдисдзынæн æмæ æнæ æрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма Европæйæн дæр, цахæм демократий гæнæн ис саразын Гуырдзыстоны. Уый претензий æмæ амбици дæр мæм ис, цæмæй иу афдæзмæ гуырдзиаг дзыллæ æмæ Гуырдзыстоны цæрджыты бауырна, цæмæй ай у æцæгдæр адæмон хицауад. Мæнæн, партийæн æндæр нысаниуæг æмæ аргъ нæй, нæ дæр «Гуырдзиаг Бæллиццы» кæцыйы саразыны стыр хайбавæрæг дæн æмæ ндæдæр æндæр искæцы партийæн. Партий арæзт цæуы æрмæст уый тыххæй, цæмæй сагъæс кæна адæмыл. Цæй ма ныр нæ ныфсæвæрдтæ æххæсткæнын райдайæм!» – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.