Бидзина Иванишвили - Алцыппæт хъуамæ саразæм  цæмæй  нæ бæстæ  размæцыд  паддзахадты æхсæн йæ бынат аккагæй  бацахса
Бидзина Иванишвили - Алцыппæт хъуамæ саразæм цæмæй нæ бæстæ размæцыд паддзахадты æхсæн йæ бынат аккагæй бацахса

Алцыппæт хъуамæ саразæм  цæмæй  нæ бæстæ  размæцыд  паддзахадты æхсæн йæ бынат аккагæй  бацахса –  загъта  «Гуыдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили  æмæ  дзыллæйæн раарфæ кодта  Гуырдзыстоны Фыццаг Демокративон Республикæйы  100 азы  юбилей.

Парти «Гуыдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны»  пресс-куысты  инфорфмацийæ, Бидзина Иванишвили  комментари сарызта  хæдбардзинады бонмæ  нывонд  бæрæгбонон   мадзалыл.

«Гуырдзыстоны алкæцы  æмбæстагæн арфæ кæнын  абоны  бон.  Фæнды мæ  хъалæй  банысан кæнын, цæмæй  100 азы  размæ  гуырдзиаг  республикæ  бындурæвæрд куыр æрцыд  уыцы  æгæрон тыгъдады, кæцы  Евразий хуыйны,   уыцы афон  демокративон  бындуртыл æнцоæвæрд   падздахадты  сæвзæрд уыдис стæм фæзынд.

Гуырдзиаг  демокративон республикæ  уыдис  сеппæтæй   прогрессивон  æмæ адæмæн лæккадгæнæг   паддзахдты рангы. Æмæ уый  хуымæтæджы нæ уыд, умæн  æмæ   гуырдзиаг рееспубликæ бындурæвæрд æрцыд  æмæ дунейы иуæй-иу  рагондæр  падзахады бындар уыд. Дунейы цивилизациты бонывайæны  уыдис Колхидæ,  фидар æмæ размæцыд  паддзахад,  цы ран  бирæтæм  сæ зæрдæ хсайдта ома уым  уыд   ахуырдзинады æмæ  зонды  символ,  æмæ мах алцыппæт  хъуамæ саразæм уый тыххæй, цæмæй  нæ бæстæ,  размæцыд бæстæты æхсæн йæ бынат бацахса аккагæй æмæ нæ  егъау  30  æнусон   паддзахады  традицийæн  æмæ   культурæйæн куыд йæм æмбæлвы  афтæ  скад кæнæм. Ноджы иу Хатт арфæ  кæнын  æппæт Гуырдзыстонæн  абоны бон» – загъта Бидзина Иванишвили.