Бидзина Иванишвили  9 апрельмæ гæсгæ  фыстæг  хæлиу кæны- «Бон кæцы 30 азы размæ ног эпохæ сæвзæрын кодта»
Бидзина Иванишвили 9 апрельмæ гæсгæ фыстæг хæлиу кæны- «Бон кæцы 30 азы размæ ног эпохæ сæвзæрын кодта»

Партий «Гуырдзиаг Бæллицц –Демокративон Гуырдзыстон»-ы  сæрдар Бидзина Иванишвили   публикаци кæны  фыстæг  9-æм апрелы  30-æм азы  сæры фæдæл.

«Гуырдзыстоны историй йæ   зæрдыл дары  бирæ  бонтæ, кæцытæ  фæбæрæг  кодтой гуырдзиаг адæмы  амонд  æмæ  нæ  бæстæйы  фидæн.  Раст ахæм бон у  9-æм апрелы  Бон.   Бон, кæцыйæ  æртын азы  размæ  райдыдта    ног  эпохæ.

Советон империйы  апологеттæй фыдыбæстæйы  ссæрибар,  Гуырдзыстоны  сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад –  уыдис  егъау   националон идея,   кæцыйы   алыварс  баиу  ис  æппæт наци.

1989  азы 9  апрель  уыд    иуæй-иу  сеппæтæй  трагикъондæр  бонтæй,  фæлæ  ацы  бон  ссис  сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн  нæ тохы    символæй  –  националон энерги, кæцыйы  райстам  бæстæйы  æххæст историйы  дæргъы,  æрымбырд ис  чысыл фæзыл, æмæ    æнæкæсгæ тугкалдмæ, гуырдзиаг адæм  моралон уæлахизгондæй  рацыд  ацы æнæмсæр хæстæй.

Иунæг тых,  кæцыйæ  нæ адæмæн йæ бон уыд  афтид  къухтæй  йæ ныхмæ  слæууын  дурзæрдæ  советон режимæн –   уыд   советон танкъыты ныхмæ   слæууын,  æмæ фыдыбæстæйы бæлвырд  уарзт.  Раст  ахæм ахаст  æмæ эмоци нын раттой  фадат, нæ сæрибардзинадæн тох кæнын  рационалон  донвæды æмæ  дыууæ азы  фæстæ, 1991 азы 9-æм апрелы, ацы  тохы  логикъон фæстиуæгæй,   Звиад Гамсахурдиа  райхъусын  кодта  Гуырдзыстоны  паддзахадон хæдбардзинад ногæй рацарæзты фæдыл.

2012 азы 9-æм апрелы,  Гуырдзыстон йæ хæдбардзинады  дыууын фыццæгæм азы  сæрыл амбæлд  бæстæй  демократийы фæдыл дзырдæппарæн цухæй,  едзаг  ахæстæттæй,  хъус  медийæ,  оккупиргонд территоритæй  æмæ  скæсæйнаг тиранийы  циникъон моделæй,  кæцы æлхæдта  демократийы маскæ,   адæмы дзиппытæй  давд хцайæ,  куыд бæстæйы мидæгæй – афтæ  йæ арæнты  æддæйæ.  Ахæм уыд  нæ паддзахаддзинады траекторий.

Æнæкæсгæ  уый æппæтмæ,   2012 азы 1  октябры,  гуырдзиаг адæм бахъом ис диссаджы  уæлахиздзинадмæ æрцæуын.  Бирæты  нæ уырныдта, цæмæй   пырхгæнæг  революцион сценаритæй, гражданон  конфронтацитæ мæ æмидхæстæй  цухæй  уыд   гæнæн  барадон тыгъдады   фæуæлахиз уын, фæлæ ацы  эмоционалон  ахастæй  æмæ рационализмæй  сфæрæзтам  æнтыстмæ  æрцæуын –  афтæ æнæриссагæй  аиуварс кодтам  тыхмигæнæг  режим, æнæ тугæй,  æмæ сæхæдæг дæр  бирæ  рæстæджы  дæргъы  нæ  уыд  сæ  бон уый  бауырнын.

Бæстæйы стабилонæй  райрæзтæн æнæмæнгхъæугæ  сты   реалистикъон   рардтæ,  быхсын  æмæ  фæтк.  Прогресс  нæу виппайдон  процесс.   Хъæуы  йын  дæргъвæтин  гражданон сабырад. Раст ахæм уавæр,  кæцыты  дæр  уыдыстæм  1989 азы  9 апрелы, æмæ ничи никæй  фарста,  раздæр кæм лæууыдис,  эгоимз æмæ къæныхдзинад   иумæйаг хъуыддаг куы нæ куылымпы  кодтой,  адæм  райгонд  куы  уыдысты  националон змæлды уæвынæй нæ фæлæ ма националон змæлд уыдис  сæхи мидæг.

Нæ политикъон ивгъуыдмæ æнæкæсгæ,   абон æмбæстæгтæ  хъуамæ баиу  уой  иуæмйаг мысанмæ æрцæуынæн.

Уый  нæ нысан  кæны  цæмæй хæъуы   мысæн схафын,  цæмæй  кæмæндæр  йæ фыдракæнд исчи ныббардзæн, фæлæ  хъæуы   зæрдыл дарын  цæмæй   нæ  «хæйрæг» хицæнтæ  кæны æмæ  нæ  иппæрдзинады  æрдæм басхойы.

Абон, ивгъуыдмæ æрыздæхæн нал ис.  Нæ рæзты  нæм кæсы æрмæстдæр  рационалон политикæйы  æрдæм фæндаг, фæндаг   размæцыд  æмæ  демократийы  æрдæм.  Гуырдзиаг паддзахады  змæлды æнæфæцудгæдзинад, æнцойæвæрд у  æрмæстдæр  иуæймаг  нысæнтты æрдмæ   æппæт  æхсæнады разыдзинадыл.

9 апрель нын  кæддæриддæр  ракой  кæны  уый  тыххæй», – дзырдæуы   фыстæджы.