Бибылты  Анатоли  Важа  Гаприндашвилийы тыххæй -  закъонсæттæг адæймаг дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа
Бибылты Анатоли Важа Гаприндашвилийы тыххæй - закъонсæттæг адæймаг дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа

Оккупацигонд   Цхинвалы  а президентæй  хуынд  Бибылты  Анатоли хъусын кæны, цæмæй   зæгъгæ  дохтыр Важа Гаприндашвилийæн   иу  афæдз æмæ фараст мæййæ   ахсты стæрхон кæнын, адекватон  æфхæрд у.

«Адæймаг, кæцы  закъон  халы,  дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуæд.  Уæлдайдæр   барæй   куы архайы  уæд,   уый æнæфхæрд ма хъуамæ баззайæт. Гаприндашвили æцæгæй дæр барæй  басаста  паддзахадон арæн»  –  райхъусын кодта  оккупацигонд Цхинвалы   а.х.  президент.

Уымæй  дарддæр ма, Бибылты  Анатоли  банысан кодта, цæмæй   уый  уавæрты  уæзы бын уæвын нæ рахатыд  æмæ Важа Гаприндашвилийæн  нæ ныххатыр æндзысты,  куыддæриддæр уа, фæлæ  хъомыс дарын ницы фæстиуæг райсдзæн.

Бибиловы   куырдиатæй,    Цънелисы  цур, пъæлицæйон  блокпост  хъуамæ  ист æрцæуа,  уæвæг тынггонд уавæр  ифтыгъд уæгъд хъуамæ  æрцæуа æмæ  «Гуырдзыстон райсдзæн цы  йæ  фæнды  уый».

Иу бон размæ  Важа Гаприндашвилийы æрцахстмæ гæсгæ   куырдиат ахæлиу кодта   оккупацигонд   Цхинвалы  а.х.   фæсарæн хъуыддæгты   министрад дæр, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй   цыфæнды   паддзахады, арæнсæттыны  цаутæ  æфхæрд цæуынц. А.х.  фæсарæн хъуыддæгты министрды  æмбарынгæнæнæй,   Хуссар Ирыстон дæр уыцы  паддзахадтæй  цух нæу.

«Фæсарæн хъуыддæгты уагдонæн  нæ уыд  бар,  æнæхъусдард ныууадзын   гуырдзиаг   æмæ  ныгуылæйнаг политикты   Гуырдзыстоны   æмбæстаг Важа Гаприндашвилийы   æнæаргъæвгæйæ   ссæрибар кæныны   æркуырдты  истерий» –   банысангонд у  хъусинагы.

Уымæй  дарддæр ма, оккупацигонд  Цхинвалы  а.х.  фæсарæн хъуыддæгты  министрад, Важа Гаприндашвилийы  æрцахсты сæрмагонд версийы  тыххæй  радзуры.  Курдиаты  банысангонд у, цæмæй   дохтыр   провокацимæ  барæй рацыд.

«Ай  у фыццаг æмæ   нырма  иунæг верси,  цæмæй  цæмæн  рахызтис  дохтыр  Гаприндашвили    арæныл.   Ац ы афонмæ  нæдæо   гуырдзиаг  хъомысджын  уагдæттæ,  нæдæр дохтыры   бинонтæ æмæ  йæ  коллегæтæ,  нæдæр Гаприндашвили йæхæдæг йæ  архайды  тыххæй  исты  уырнинаг  æфсон нæ  бавдыстой. Уый фæстиуæгæн  та, сырæзт ситуацийæ  политикон рейтингы  сбæрзонддæр кæнын, æрмæст  сеппæтæй  нæбары  политиктæ  нæ бацархайдтой» –  банысангонд у  куырдиаты.