Берлинæй  фыдыбæстæмæ, Гуырдзыстоны 183 æмбæстаг æрыздæхт
Берлинæй фыдыбæстæмæ, Гуырдзыстоны 183 æмбæстаг æрыздæхт

 

Гуырдзыстоны хицауад  фæсарæнты  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  фыдыбæстæмæ  этапгай  æрыздахыны  процесс  дарддæр кæны.

Гуырдзыстоны  экономикæйы  министрады информацийæ, Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты  Берлин-Тбилисы рейс сыххæст, кæцыйæ  фыдыбæстæмæ   183  æмбæстаг æрыздæхтис.

Уыдонæн аэропорты сырæзт медицинон басгæрст, кæцыйы  фæстæ сæ специалон  автобустæй  аластой  æндæр æмæ æндæр фысымуаттæм  карантины  тыгъдадмæ.

«14 бонон  карантины рæстæджы фæсарæнтæй æрыздæхгæ  æмбæстæгтæ, 24  сахатон медицинон  цæстдарды бын уыдзысты.

Ацы рæстæгмæ  карантины тыгъдады  ис  4909 адæймаг»,- дзырдлæуы  экономикæйы  министрады информацийы.