Белорусы простетон  акцийы  ноджы иу  хайадисæг  амард
Белорусы простетон акцийы ноджы иу хайадисæг амард

Белорусы  развæлгъау ахсты изоляторы  протестон акцийы  иуæй-иу  хайадисæг  25 аздзыд  нæлгоймаг  амард.

Уый фæдыл  информацийы, хъусын кæны «ВВС».

Барадхъахъхъæнджыты  фидиуæнæй,   нæлгоймагы мæлæты аххос  бæрæг нæу.

Ныр  фæмардуæвæгы  мады ныхæстæм гæсгæ та,  йæ  хъæбулæн,  уыд  зæрдæйы  проблемæтæ, уый та  цалдæр сахаты  дæргъы  пъæлицæйы  фургоны  дарддтой.

Белорусы  атйнггонд тыхмидзинады фоныл,  мæстыдзинад разæгъы  ИНО-йы  адæймаджы  барты хъахъъхæды  иуылбæрзонд  комиссар  Мишель  Башалет.  Хыгъдлæвæрдтæй  бæрæг у, цæмæй  пъæлицæй  демонстрациты  рæстæджы æгæр тыхæй  архайдта.

Массон  æрцахстыты  фæстиуæгæн   ахæстæттæм  6000-æй  фылдæр   адæймагы  аргъæвдтой,  сæ  нымæцы  æнахъомтæ сты.