Белорусы оппозицийы лидер Мария Коллесникова ахст у
Белорусы оппозицийы лидер Мария Коллесникова ахст у

Белорусы  оппозицийы  лидер  Мария  Колесникова  ахст у.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  Белорусы  медиа.

Оппозицийы Коордиинацион советы авд уæнгæй  ма ныр  сæрибар  у æрмæстлдæр Нобелы  лауреат  Светлана  Алексиевич.

Белорусы  медий хъусинагæй, 7 сентябры  сæумæрайсом, Минскы   æнæбæрæг  уæнгтæ, Белорусы  оппозицийы   координацион советы  уæнг Мария Коллесниковайы   аскъæфтой.

Бастдзинад аскуыд  афтæдæр оппозицион координацион советы  ноджы  дыууæ   уæнгимæ. Мария Коллесникова  æмæ  координацион советы  ноджы иу  уæнг, Иван Кравцовы, 8 сентябры  сæумæрайсом, Украинаимæ арæны  цур баластой, фæлæ  Коллесникова  Белорусæй  ацæуыныл не сразы ис.