Белорусы  абон парламентон æвзæрстытæ  цæуынц
Белорусы абон парламентон æвзæрстытæ цæуынц

Белорусы  абон парламентон æвзæрстытæ  цæуынц.   Цæрджытæ   националон   æмбырды  минæвæртты  палатæйы  (парламенты  дæллаг   палатæ»  110 депутаты   сывзардзысты. Депутатæй  суæвынæн   513  кандидат тох кæнынц. Регистрацигонд сты  6.6 милуан æвзæрстгæнæг.

Минæвæртты  палатæйы  архайæг уæнгты   мандаты  æмгъуыд  бæлвырдæй   иу  афæдзæй  къаддæр рауад  уымæн  æмæ   парламентон   æвзæрстытæ  Белорусы   иу  афæдзæй раздæр  снысан сты, уымæн æмæ президентон æмæ  парламентон æвзæрстытæ  кæрæдзиимæ  2020 азыл  фемдзыд сты.

Белорусы   парламентон æвзæрстытæм сæ  цæст дарынц  иу мин  æхсæнадæмон  цæстдарæг æмæ   сæ   нымæцы ЕÆÆО-йæ  æмæ Евросоветы    парламентон ассамблейæ.