Бельгийы хицауад химикъон хæцæнгарзы тобæйы организацийы ног лабораторийы самайынæн рауæлдай кæндзæн дыууæ милуан евро
Бельгийы  хицауад  химикъон хæцæнгарзы тобæйы организацийы ног лабораторийы  самайынæн рауæлдай кæндзæн дыууæ милуан евро

Бельгийы  хицауад  химикъон хæцæнгарзы  тобæйы организацийы   ног   лабораторийы  самайынæн   рауæлдай  кæндзæн дыууæ  милуан евро.

Бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты министры Дидье Рейндерсы  фидиуæнæй  лабораторий фокусиргонд уыдзæн  химикъон хæцæнгарзæй спайдайы  фактыты раргом кæнын  æмæ   бацахуырыл.

Абон Люксембургы  фæсарæн хъуыддæгты министрты æмвæзадыл цæугæ Евроцæдисы  совет химикъон хæцæнгарзæй  спайдайы  тыххæй  ног санкциты уагæвæрды  механизм  сбæлвырд кодта. Нырæйфæстæмæ  Евроцæдисмæ уыдзæн  фадат, санкцитæ сфидар кæна  куыд  юридикъон уæнгтæн, афтæдæр   индивидуалон  уæнгты ныхмæ, кæцытæ   спайда кæндзысты химикъон хæцæнгарзæй, кæнæ баст сты   ахæм хæцæнгарзы  амалиукæгады.  Ног санкцион  режимы  скусын кæныны  фæдыл  информацийы  хъусын кæны  Европаг Советы  пресс-куыст.