Бека Гъвиниашвили Санкт-Петербургы мастерсыл  рамбылдта сыгъзæрин майдан
Бека Гъвиниашвили Санкт-Петербургы мастерсыл рамбылдта сыгъзæрин майдан

Санкт-Петербургы  цæугæ  дунейы  мастерс дзюдойы,  90 килограмм категорийы, Бека Гъвиниашвилийы триумфæй фæцис.

Гуырдзиаг дзюдоист, цалдæр минуты размæ  финалон  фембæлды,  хуссаркорейаг  Донгван  Гвакы   адырста  æмæ   сыгъзæрин майдан рамбылдта.

Скуыддзаггæнæг фембæлды рамбулынæн   Бека Гъвиниашвилийæн бахъуыд 2 минуты.

Цæугæ турнирыл,   уый Гуырдзыстонæн у æртыккаг майдан,  Важа Маргвелашвилийы  бронзæ æмæ  Лаша Шавдатуашвилийы  æвзистмæ,  æфтыд æрцыд  Гъвиниашвилийы сыгъзæрин   майдан дæр.

Абон финалы ноджы  дыууæ гуырдзиагы схæцдзысты.  100  килограмм  категорийы  Варлам Липартелиани  фембæлдзæн  голландиаг  Михаел Корелыл, уый фæстæ  та,  уæззау категорийы   рацæудзæн Гурам Тушишвили, кæцы бацархайдзæн бразилиаг  Давид  Моурайы  абысрын.