Батумы портмæ НАТО-йы дыууæ æфсæдтон нау бацыд
Батумы портмæ НАТО-йы дыууæ æфсæдтон нау бацыд

Батумы портмæ НАТО-йы дыууæ æфсæдтон нау бацыд
Дыууæ нау сты НАТО-йы æфсæдтон тыхты (SNMCMG2) рæнхъыты. ITS VESUVIO Итали æмæ TCG AMASRA Туркы, Батуммæ уый фæстæ бахызтысты, Батумы портæй америкаг æфсæдтон нау “Портер” куы ахызт.
НАТО-йы науты порты визиты фæлгæтты плангонд у иумæйаг ахуырæдтæ Гуырдзыстоны денджызгæрон хъахъæды хайадистæй.