Ард хæрын уæ разы, мæ царды æппынфæстаг сулæфыны онг тох кæндзынæн, уымæн æмæ нырид æнкъарын, æмæм гæнæн ис мæ 6 аздзыд фырт Сандройы цæстмæ фæхуыдинаг уон, ацы æдзæсгомдзинадмæ кæсынæй мын хуыздæр у Михеил Саакашвилиимæ иумæ ахæстоны бадын, хуыздæр у æппын удæгас ма уон, – уый фæдыл Националон Змæлды сæрдар Ника Мелиа Батумы акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Ника мелиа куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ тох адарддæр уыдзæн Михеил Саакашвилийы ссæрибар кæнынмæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Руставы ахæстоны раз абон райдайы æнæнымæц фарсхæцджыты акци, уым перманентон акцитæ уыдзæн.
«Руставы ахæстонæй райдайдзæн абон акци æмæ нæ фæуыдзæн уæдмæ, цалынмæ сæйраг нысанмæ нæ баххæссдзыстæм. Фыццаджы дæр цыбырдæр æмгъуыдтæм хъуамæ бафæразæм æмæ Михеил Саакашвилийы удæгасæй аирвæзын кæнæм, бафæразæм йæ ахæстонæй æмбæстагон рынчындонмæ арвитын. Иттæг нысаниуæгджын у ай. Ард хæрын уæ разы, мæ фæстаг сулæфыны онг тох кæндзынæн уый тыххæй» – райхъусын кодта Ника Мелиа.