Батумы наулæууæнмæ  бален кодтой АИШ-ы денджызон тыхты  наутæ «Маунт Уитни» æмæ  «Портер»
Батумы наулæууæнмæ бален кодтой АИШ-ы денджызон тыхты наутæ «Маунт Уитни» æмæ «Портер»

Батумы  наулæууæнмæ бален кодтой  АИШ-ы  денджызон  наутæ «Маунт Уитни» æмæ «Портер»  Фондз азы сæрыл  æхсæзæм флоты  флагман  «Мауунт Уитни»  Гуырдзыстонмæ æрыздæхтис. «Маунт Уитни»  бæстæмæ фæуазæг ис фондз хатты, сæ нымæцы 2008 азы Гуырдзыстоны ныхмæ  Уæрæсейы  хæсты рæстæджы  гуманитарон  æххуыс бадавыны  нысанæн.

Ацы минутты Батумы наулæууæны наутæн бæрæгбонон  размæ рацыды церемони цæуы.

Деталон Информаци  ахæлиу кодта АИШ минæварад:

«Ацы визит хахх кæны  нысаниуæгджын ахастытæ НАТО-ы  æмцæдисонты æмæ Сау Денджызы  регионы  иттæг нысаниуæгджын партнер Гуырдзыстоны æхсæн. Гуырдзыстон у   хъæддых æмæ  иузæрдыг  партнер  регионы сабырады  æмæ стабилондзинад сфидар кæныны æрдгæй.

Раззаг периоды  2021 аз  февралы  АИШ-ы  нау «Дональд Кук (DDG 75)» сыххæст кодта визит Батумы портмæ.  2021  азы  майы «Ледженд»  классы  донбылхъахъхъæды   нау  «Хэмильтон (WMSL-753)» Батумы  Гуырдзыстоны донбыл хъахъхъæдимæ æмбынатиндзинады ахуырты  фæуды фæстæ дæр фæлæууыд.

«Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм  НАТО æмæ  нæ гуырдзиаг коллегæтимæ  ахастытæ фæарфдæр кæнынмæ Батумы» банысан кодта НАТО-ы бырсæн æмææххуысгæнæг тыхты (STRIKFORNATO) сæрдары хæдивæг, фæсчъылдым адмирал  Джеймс Морли.

Сæрдарады æхсæн æмбынатидзинад æмæ сæ уæвынад  ацы регионы амонынц  АИШ-НАТОхйы  иузæрдыгдзинады тыххæй  Сау Денджызы  регионмæ æмæ  æмцæдисонтимæ  æмæ партнертимæ  æмгуыстадмæ  ацы  регионы  сабырад æмæ  фарнæн æххуысæн», – дзырдæуы АИШ-ы минæварады  ахæлиугонд информацийы.