Батумы æхсæнадæмон аэропортмæ, Берлинæй, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  специалон рейсæй æрластой
Батумы æхсæнадæмон аэропортмæ, Берлинæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты специалон рейсæй æрластой

Батумы æхсæнадæмон   аэропорты, «Гуырдзыстоны Авиахаххыты» (Georgian Airways) хæдтæхæг æртахтис,  кæцы  Берлинæй   фыдыбæстæмæ, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æрласта.

Уæвæгинформацийæ,  æрцыд  180-йæ  фылдæр   бæлццон,  уыдонæн  фыццгон басгæрст  аэропорты  ацæудзæн æмæ  сæ стæй карантины  тыгъдады  æрцæрын кæндзысты.  Карантинмæ  сæ  аласдзысты  специалон транспортæй.

Афтæма,  кæд искæцы   бæлццонмæ   вирусы  симпотомтæ фæбæрæг уыдзысты, уæд æй Батумы  инфекцион  рынчынмæ  фæхæццæ кæндзысты.

Фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани абон райхъусын кодта  зæгъгæ  фæнысангонд  рейсæй  фыдыбæстæмæ  æрыздæхдзысты   Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ,  кæцытæ  ацы  периодмæ,   концентрацигонд уыдысты  Берлины  æмæ Европæйы æндæр æмæ æндæр  горæтты.  Министры  дзырдæй,  зæгъгæ минæварадты æххуысæй  бантыстис сæ æрымбырд кæнын Берлины.

Афтæма  абон,   Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад,  фæсарæнтæй  æввахсдæр специалон  авиарейсты  фæдыл  информаци   айхъусын кодта.   Фæнысангонд  информацийæ, æввахс  куыриты дæргъы,   фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты Гуырдзыстонмæ æрыздахыны   нысанæн,  сæххæст уыдзæн   компани  «Georgian Airways»-ы специалон    коммерцион  рейстæ  ахæм ардæмадтæй: 23 март – Тбилис-Берлин –Батуми,  кæцы  ныридæгæн сыххæст ис, афтæдæр   24  март –  Афинæтæ-Тбилис-Афинæтæ (сæххæст æй кæндзæн  «Эгейы  Авиахаххытæ»);  26 март – Тбилис-Венæ-Тбилис; 31  март – Тбилис-Амстердам-Тбилис; 3  апрел- Тбилис-Варшавæ-Тбилис; 7 апрел- Тбилис –Афинæтæ-Тбилис; 10 апрел – Тбилис-Ларнака-Тбилис.  Ныр ма цæуы  куыст, фæдылдзог рейсты спълан кæнынæн.