Батум фысым кæны «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд масштабон конференцийæн
Батум фысым кæны «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд масштабон конференцийæн

11-12 июлы Гуырдзыстоны хицауад  Батумы  прецедент кæмæн нæй  ахæм бæрзонд æмвæзады æхсæнадæмон конференцийæн фысым кæны,  кæцы «Скæсæн партнерады»  10 азы  сæрмæ нывонд у.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры  Давит Залкалианийы  фидиуæнæй, Гуырдзыстоны,  куыд «Скæсæн партнерады» лидер бæстæйыв  юбилейыон  датæ  банысан кæнынæн «Скæсæн партнерады»  фæстиуджыты  æмæ  фидæныл   æруынаффæ кæнынæн, иуыл бæрзонд  æмæ бæрзонд  рангы  хайадисджытæ  æмбырд кæнынц.

Сæрмагондæй та,  министры информацийæ,   уазджыты æхсæн  сты  Европаг советы   президент Дональд Тускъ, гуманитарон  æххуысы  æмæ кризисты  фæткæддыты  фарстаты   еврокомисар Кристос Стилианидис, Эстонийы  премьер-министр Юри Ратас, Евроцæдисы æмæ партнер бæстæты  аст фæсарæн  хъуыддæгты министр.

Афтæдæр йæ информацийæ,   Гуырдзыстон  конференцийыл бавдыст уыдзæн  куыд æххæстгæнæг хицауады афтæ  закъондæттæг органы  бæрзонддæр æмвæзадыл.