Бардарæг  Иакъоб  Каталикос-Патриархы  кореспикопы бынатæй йæхи систа
Бардарæг Иакъоб Каталикос-Патриархы кореспикопы бынатæй йæхи систа

Бардарæг  Иакъоб Каталикос-Патриархы  корепископы бынатæй  йæхи  суæгъд кодта – уый фæдыл  бардарæг Иакъоб  журналисттæн йæхæдæг фехъусын кодта.

Бардарæг Иакъоб  куыд банысан кодта афтæмæй,   абон  специалонæй   бацыд  патриархимæ,  цæмæйн  Патрирахæн йæ уынаффæйы   тыххæй  фехъусын кодтаит.

«Ай уыд мæ  хисæрмагонд  скуыддзаг,  корепископы бынатæй  мæхи систон.  Фæлæ  патриархийы  баззайдзынæн» –  райхъусын кодта бардарæг Иакъоб.

Бакой уын кæндзыстæм – ццалдæр  бон размæ  телекомпани «Пирвели»-ы  эфиры, бардарæг  Иакъоб райхъусын кодта, цæмæй  хицауады  минæвæрттæ  уыйимæ патриархы  йæ  бынатæй сисыны  темæйы бадзырдтæ райдаын архайдтой.   Уый бавдыста  бадзырдты  хайадисджыты –  уæды рæстæгон  премьер-министр Гиорги Къвирикашвили,  нырыккон  премьер Гиорги Гахариа æмæ ПÆК-ы раздæры  къухдариуæггæнæг   æмæ ныр та мидхъуыддæгты  министр Вахтанг гомелаури.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   ацы  «сусæгвæнд бадзырды»   аргъуаны  минæвæрттæ  дæр истой  хайад, –  дæнцæн  бардарæг  Петре  æмæ кастæуыд æндæр æмæ æндæр  верситæ – сæ нымæцы  Патриархы марындзинад дæр.