Бакуйы ацыд æфсæддон парад
Бакуйы ацыд æфсæддон парад

Азербайджаны  сæйраг горæты, Бакуйы абон хæсты  уæлахиздзинады нывондæн  масштабон  æфсæддон парад   ацыд.

Парадыл  уыд Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан дæр.

Парады  3 000-ы онг æфсæддон  райстой  хайад.  Бавдыст уыд  150-ы онг  иуæг хæцæн техникæ, сæ нымæцы  нырыккон   æфсæддон  техникæ æмæ   ракетон-артиллерион, афтæма ракеты ныхмæ хъахъхъæнæн  системæтæ.  Парадыл  бавдыст уыд   уыцы æфсæддон трофей, кæцыйы  азербайджайнаг æфсад фыдыбæстæйон хæсты  рæстæджы  байстой.

Парадыл дзырдæй ралæууыд  Азербайджаны  президент, кæцы  цæрджытæн  уæлахиздзинад раарфæ кодта.

«Азербайджан 44-бонон  тохы  фæуæлахиз ис.   Басаста Сомихыстон.  Кæрон скодта  оккупаци.  Ацы  44 бонæй  алы бон у не  номдзыд истори.  Азербайджайнаг  æфсад  æрвылбойнонæй  размæ  цыдис.

Абон  сæрыстырæй  мæ бон зæгъын у, цæмæй Азербайджан  йæ нысанмæ бахæццæ ис, сæндидзын кодта историон рæстдзинад, æхсæнадæмон барад», – райхъусын кодта Ильхам Алиев.