Байдены администрацийы политикæ Хурыскæсæн Европæйы æрдæм – ног ныфс Гуырдзыстонæн?
Байдены администрацийы политикæ Хурыскæсæн Европæйы æрдæм – ног ныфс Гуырдзыстонæн?

Байдены администрацийы  политикæ хурыскæсæн  Европæйы æрдæм: Гуырдзыстоны ног ныфс? – ахæм у Æввахс Скæсæны  институты  арæнгæрон Европæйы  инициативæйы  хистæр иртасæгы, Юлия Сабина Жожайы авторон статийы  сæргонд  Публикаци Æввахс Скæсæны  институты вебфарсыл æрцыд æвæрд.

«Гуырдзыстоны ныуылæйнаг фидæн  ивгъуыд къуырийы  АИШ-ы æддæ политикæйы центры фæбæрæг ис.  Постыл  сфидар кæныны фæлгæтты  уагъд хъусыны рæстæджы АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкен  сфæлхатт кодта, ома Гуырдзыстон  цæгат-атлантикон альянсы  уæнг хъуамæ суа, куыддæр  йæ критеритæм æмбæлон суыдзæн  уыцытæккæйæ. Блинкены фидиуæн  тæккæ афоныл у.  Гуырдзыстон Уæрæсейы æрдгæй  рæзгæ  политикон æлхъывд æмæ  сæрмагонд территорийыл æфсæддон  уæвыны уавæрты ис, кæцы амæйразмæ  Уæлхох Карабахы  дыккаг хæсты  тыххæй  ноджы фæкарздæр ис. Иурæстæгонæй,  дæсгай азты дæргъы  къуымау  уавæры фæстæ,  нысаниуæгджын атынд æрцыд адæймаджы барты европаг тæрхондоны æмæ тугтæрхоны  æхсæнадæмон тæрхондоны  Уæрæсейы ныхмæ  Гуырдзыстоны хъасты. Æхсæнадæмон бонвæткы  Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг   курсы размæ рапхæцынæй, хурыскæсæн Европæйы  бæстæтæ  сæ хъус дардзысты  ситуацимæ  æмæ   фендзысты цас  бафæраздзæн Байдены администрацийы  æддæгон политикæ  регионалон æдасдзинады хъуыддагмæ  ивддзинæдтæ  бахæссын», – фыст ис статийы.

Публикацийы  мидæг дзырд ис, цæмæй 2008 азы  Гуырдзыстонмæ  лæбурды  фæстæ, бæстæ  ныгуылæйнаг  партнерты æххуысæй  бафæрæзта конфликты экономикон  æндæвдадыл фæтыхуын  æмæ Хуссар Кавказы  иунæг  стабилон демократийæ  сырæзт.  Статийы  автор банысан кодта, ома «уыимæ ма, Гуырдзыстон  æмбæлон у альянсы  уæнгæй суæвыны техникон доментæм».

Статийы мидæг  банысангонд у, цæмæй  фæстаг дæсой азы дæргъы  Уæрæсе  гибридон  хæст кодта æнæ æрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма æнæхъæн хурыскæсæн флангыл –  Балтийы  Денджызæй райдагæ  СауДенджызы онг, Хуссар Кавказы æмæ  хурыскæсæн Зæххастæу денджызы былгæрон хынцгæйæ  æппæт территорийыл.

«Америкæйы хурыскæсæн  Европаг партнертæ – райдайгæ Гуырдзыстонæй,  Балтийыбылгæрон  паддзахадтæ хынцгæйæ – иууылдæр сын  иттæг  æнæмæнгхъæугæ у  Вашингтоны æрдгæй  Уæрæсемæ  фылдæр хъæддых  политикæ бакуыст.  АИШ-ы æххуыс куыннæ уаид, ацы паддзахадтæн ницы шанс уыдзæн  Уæрæсейы  агрессийæн йæ ныхмæ слæууын.  Растдæр уый тыххæй у  нысаниуæгджын  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Блинкены фидиуæн.  Фæлæ Байдены  администрацийы æрдгæй Хурыскæсæн Европæйы æдасдзинады  сферæмæ ивд бахæссыны амлахъомдзинад  конкретон  архæйдтыты  рæхысыл у баст» –  дзырдæуы  публикацийы.

Статийы автор ма  банысан кодта, цæмæй Хурыскæсæн европæйы  Уæрæсейы  фидæнон агресси арæнскæныны  сегасдæр эффективон  фæндаг у фæурæды фæрцы  агрессийы  гæнæн  хардзтæ  райрæзын кæнын.

Гибридон хæстæн хъæуы  гибридон иргъæвæг мадзæлттæ: архайадон  санкцитæ сфидар кæнын,  демократон институтты стынг кæнын, кибер-хъахъхъæнынанды  фадæттæ стынг кæнын, Уæрæсейыл  Европæйы энерго бастдзинад  фæкъаддæр кæнын, æфсæддон  тросстæ айтындзын  æмæ ахæм иргъæвæг  фадæттæ  рапарахат кæнын, кæцытæ рæувадат   уыдзысты альянсы уæнг  кæцы бæстæтæ не сты  уыдонæн дæр.

«Ацы мадзæлттæй  иуæй-иутæ  Хурыскæсæн европæйы  ныридæгæн  архайынц. Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг фидæнмæ  Байдены администраци политикон иузæрдыг ахаст уыдзæн хцондзинад  бæстæйæн, кæцыйы алыварс сты уырыссаг æфсæддæ  æмæ  кæцы лæууы геополитиконæй стратегион  регионы.

Уый уыдзæн объективон дзуапп  Гуырдзыстоны тыхархайдыл  æмæ нысаниуæгджын къахдзæф транс-атлантикон  æдасдзинад фæфидар кæныны æрдæм.  Фæлæ  хурынскæсæн Европæйæн  фæстаг дæс аз ссис, ныгуылæны  ныфсыты  æмæ  æнæуромгæ Уæрæсейы  агнрессийы æхсæн   æмуæзад бахъахъхъæды  актæй.

Байдены администрацийæ бахъæудзæн стыр  тыхархайд  ацы  бадзырд сыххæст кæнынæн  æмæ уый æртъхъирæнтæй  бахизынæн» дзырдæуы  статийы.