Баграмы  авиацион базæмæ нылластой  кæстæркъласæгты фыстæджытæ
Баграмы авиацион базæмæ нылластой кæстæркъласæгты фыстæджытæ

Проект «фыстæджытæ  æфсæддæттæм»  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны  масштабæй   скъолаты  бамбырдгонд  ахуыргæнинæгты фыстæджытæ, Афгъанистанмæ  Мазар-И-Шарифы  фæстæ, ныр та  Баграмы  авиацион  базæмæ  нылластой, цы  ран  IV механизацигонд  бригадæйы  43-аг  батальон у дислоциргонд.

ХЪахъхъæнынады министрады  информацийæ фыстæджыты  ахуыргæнинæгты  фарстытæ, фылдæр  «ХЪæддаг Фарсхæцынады» миссийы   гуырдзиаг æфсæддæтты  куысты тыххæй уыдысты. Сывæллæттæ  æфсæддæттæн фыдыбæстæмæ   æнæниззæй æмæ сабырæй  æрыздæхын ракуывдтой.

Гуырдзиаг сабырадонтæ  хъарм  фыстæджыты  тыххæй  чысыл хæлæрттæн  раарфæ кодтой æмæ  дзуаппон  фыстæджытæ æрцæттæ кодтой, кæцытæ Гуырдзыстонмæ рарвитыны фæстæ, лæвæрд æрцæудзысты адресаттæм.

Гуырдызстоны масштабæй, æндæр æмæ æндæр скъолаты  сывæллæтты  фыстæджытæ  юстицийы министрады тугтæрхоны барады юридикъон уæнг «Фыдракæнды превенцийы  центр»  æрымбырд кодта, æрмæст АФгъанистанмæ  та  сæ нылласта  хъахъъхæнынады министрад.

«Фыстæг Æфсæддæттæм»  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады, юстицийы æмæ  ахуырады æмæ  зондæты  министрадты  иумæйаг проект у, кæцыйы  фыдракæнды превенцийы  центр  студенттимæ иумæ  2012-æм азæй  æххæст кæны.  Проектæн йæ нысаниуæг уый мидæг ис  æмæ,  фыдыбæстæйæ  дард уæвæг  хæстонтæн, сæ зæрдæ  барухс  кæнын æмæ æнцойад  равдсын  у. Кæстæр классæгтæн дзуаппон  фыстæджыты райсын    тынг  стыр цины æмæ аккаг  фæзынд у.

Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.