Бæстæйы масштабæй, фæстаг 24  сахаты,  уæлрадон  уавæры режим састы 125  факт рабæрæг ис
Бæстæйы масштабæй, фæстаг 24 сахаты, уæлрадон уавæры режим састы 125 факт рабæрæг ис

Мидхъуыддæгты министрад,  ног коронавирусы ахæлиу маруадзыны нысанæн  дарддæр кæны  24 сахатон  уæлрадон режимæй кусын – уый тыххæй,   МХ  уагдоны   абон  ацæугæ брифингыл   министры  хæдивæг Владимер  Борцвадзе фехъусын кодта.

Борцвадзейы  дзырдæй, зæгъгæ  МХ  министрады  уагъд  карз мониторингы фæстиуæгæн,  фæстаг 24  сахаты  мидæг, бæстæйы  масштабæй, Гуырдзыстоны  алы  регионы дæр,  уæлрадон уавæры   режимы халыны  125  факт фæбæрæг ис.

«96 æмбæстаг фæивар сты   æхсæнадон тыгъдады   10-æй  фылдæр  гоймагы æрымдырды тыххæй. Æртæ   юридикон, æрмæст аст та  физикъон  уæнгтæ  фæивар  сты  экономикон  архайдимæ баст  арæнæвæрдты  халыны фактыл. Микроавтобустæй бæлцæтты  горæтты æхсæн ласыны   фактыл  фæивар сты  фондз  гоймагы.  Æрмæст   изоляцийы  æмæ   карантины  фæтксасты  тыххæй  та   13.

Ноджы иу  хатт уын бакой  кæндзыстæм,  цæмæй  уæлрадон уавæры  режимы  халын  расайы  администрацион бæрнæвæрд – физикон  гоймаг фæивар уыдзæн 3000 ларийæ,  æрмæст юридикъон  та –  15 000 ларийæ.

Уæлрадон  уавæры режим фæлхатгæ  халын, нымад цæуы  тугтæрхоны барады   фыдракæндыл  æмæ  æфхæрд цæудзæн  3  азы  онг æмгъуыдмæ  ахстæй»-райхъусын кодта МХ министры хæдивæг.