Бæлццæтты нымæцмæ  гæсгæйæ,  авиацион базарыл  лидер у  «Wizz Air»
Бæлццæтты нымæцмæ гæсгæйæ, авиацион базарыл лидер у «Wizz Air»

Гуырдзыстоны  авиацион  фадыгы архайæг  авикомпаниты процентон  хæйттæм гæсгæйæ,  2019 азы  9 мæйы  бæрæггæнæнтæй  фæстæмæ  «Визэар» (Wizz Air) у лидер.  Ныллæгбюджетон  авиакомпани базары 15 процентон хай дары. 11 процентон хайон   бæрæггæнæнæй  дыккаг æмæ æртыккаг  бынæттыл сты  ადგილზე Turkish Airlines æмæ Georgian Airways.

Регулярон  æмæ  бирæхаттон   чартерон  рейсытæй  цы бæлццæтты аластой  уыдоны нымæцмæ/процентон аймæ гæсгæйæ фыццаг дæс ахæм у: Wizz Air – 592 988 бæлццон 15%; Turkish Airlines – 443 932бæлццон 11%; Georgian Airways – 435 208 бæлццон11%; Ural Airlines – 190 341 бæлццон 5%; Pobeda Airlines – 180 684 бæлццон 4%; Ukraine International Airlines (UIA) – 168 672 бæлццон 4%; Fly Dubai – 166 259 бæлццон 4%; Pegasus – 135 494 бæлццон 3%; Air Arabia – 107 535 бæлццон 3%; SkyUp Airlines – 115 070 бæлццон 3%.

Процентон  æмахаст  гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг  авиа-компаниты æхсæн ахæм у –  12% гуырдзиаг авиакомпанитæ (488 317 бæлццон)  88%  фæсарæйнаг авиакомпанитæ  (3 569 002 бæлццон). Регулярон æмæ бирæхаттон  чартерон рейсыты фæстиуæгæн , 2019 азы фараст мæйы  мидæг 4 057 319 бæлццоны аластой. Иухаттон   чартертимæ иумæ,  Гуырдзыстоны  аэропорттæ  æдæппæт лæггад  ракодтой  4 139 955 бæлццонæн.

2019 азы  6 мæйы, афтæдæр   авиакомпаниты ацæугæ  азты  хайон  æмахасты  фæдыл информаци фенын уæ бон у  веб-фарсыл.