Бачо Ахалаиайæн, Серго Тетрадзейы  хъуыддагыл  стæрхон кодтой  фараст азон ахст
Бачо Ахалаиайæн, Серго Тетрадзейы хъуыддагыл стæрхон кодтой фараст азон ахст

Булкон  Серго  Тетрадзейы  хъизæмары хъуыддагыл  хъахъхъæнынады  раздæры министр  Бачо Ахалаиайы  тæрхондон  зылынджыныл банымадта  æмæ йын фараст  азон ахст стæрхон кодта.

Тæрхондон афтæдæр зылынджыныл банымадта  ацы  хзъуыддаджы   зылынмæ лæвæрд   Николоз  Дзимцеишвилийы  æмæ йын стæрхон кодта  цыппар азон ахст.

Тæрхонон  каст  цыдис цыппар  азы дæргъы.

Запасы  булкъон  Серго Тетрадзе  æмæ  ноджы   æртæ уæнгы – Давит  Лондаридзе, Гиа Горелишвили æмæ   Сергей Чаплигины  дзырдхæссынады  аххосагæй 2011 азы   сентябры æрцахстой.  Ахстæй  иу къуыримæ  Тетрадзе  ахæстоны  æрбамард.