Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстоны рæувадат  цæрæн хæдзæртты  проекттæн, 10 милуан доллары кредит сбæлвырд кодта
Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстоны рæувадат цæрæн хæдзæртты проекттæн, 10 милуан доллары кредит сбæлвырд кодта

Азийы  Рæзынады Банк  (ADB) æмæ ÆÆ «Оптима»   къух бафыстой  10 милуан АИШ доллары бæрцæй  кредитыл Гуырдзыстоны  сæйраг горæты рæувадатæ æмæ  фидар  цæрæн хæдзæртты  саразыны нысанæн.

Азийы Рæзынады Банкы информацийæ,  кредит  сфинанс кæндзæн  ныллæг æмæ астæуккаг   æфтиагджын  цæрджытыл нымад  3 700 рæувада æмæ  энергоэффективон  хæдзарæй  арызт  дыууæ цæрæн комплекс. Уый Хуссар Кавказы  æмæ Централон Азийы  цæрæн хæдзар саразынæн  хицæн секторæн лæвæрд  ADB-ы фыццаг кредит у.

Уыимæ иумæ,  Гуырдзыстоны ADB-ы иугæндзон минæварады директор Шейн  Розенталь райхъусын кодта, цæмæй  хæдзæрттæ уыдзæн рæувадат, энергоэффективон æмæ  дзæбæх арызт, кæцы  карджынты,  амалхъомдзинад цух  уæнгты,  сылгоймæгты  æмæ  сывæллæтты  æмбæлгæ  цæрæнуатæй  сифтонг кæндзæн.

2019  азы  горæты  хицауад бавдыста план  сæйраг горæты   фидар урбанон рæзынады, тыгъдад  сплан кæныны  æмæ  инклюзивон   инфраструктурæйы баахъаз кæнынæн.  Афтæма хицауад  горæты гом  тыгъдадты, гендерыл ориентацигонд проектиркæныны нысанæн, урбанон рæзынады  æмæ   æрдзы хъахъхъæды горæты  куысты гендерон уынаффæгæнæджы  роль сфидар кодта.

«Махæн стыр цыт у, рæувадат  цæрæн хæдзæртты фæдыл  Азийы Рæзынады Банкæн, регионы ай  фыццаг  проект куы у уый» -райхъусын кодта m2-ы  къорды  æххæстгæнæг  директор Николоз Медзмариашвили.

«Хæс астæуккагæмгъуыдджын  финансдзинады фадат дæтты  Тбилисы рæувадат  цæрæн хæдзæртты проектты  сыххæст кæнынæн. Нысаниуæгджын у  цæмæй  проектиркæнынад здæхт уыдзæн  бæрзонд стандарты  энергоэффективондзинады æмæ  физикъон рæувадатдзинад  сфидар кæнынæн» – райхъусын кодта Розенталь.