Азийы Рæзынады Банк – Гуырдзыстоны экономикæ  2021  азы  3.5 процентæй  райрæздзæнис
Азийы Рæзынады Банк – Гуырдзыстоны экономикæ 2021 азы 3.5 процентæй райрæздзæнис

Гуырдзыстоны экономикæйы рæзт 2021 азы  3.5 процентæй  у æнхъæлмæкæсинаг, коронавирусон  низы (ковид-19)  панедмийы фæурæды  нысанæн  уагæвæрд  тобæты  этапгай  фегомы  æмæ  мид æркуырды  сцырын  кæнынын фæрцы, – дзыпрдæуы Азийы Рæзынады Банкы (ADB) ног хыгъдлæвæрды.

Азийы Рæзынады прогнозмæ (ADO) гæсгæйæ, 2021  – банкы  сæйраг  æрвылазон  экономикон   рауагъдмæ гæсгæйæ, Азийы Рæзынады Банк, Гуырдзыстоны æмтгæйон мидпродукты  2022  азмæ  6% рæзты æнхъæл у, уымæн æмæ   экономикæйы æххæстæй  байгом  æмæ туризмы  æнхъæлмæкæсинаг   сног кæнын, балцы æмæ  базарады  стимуляци кæндзæн.

«Туризмыл баст экономикæмæ  куыд  æмбæлы  афтæ,   пандемиимæ  баст   тобæты  этапгай  фегом  цæугæ  азы   экономикон   рæзт  хъуамæ сног кæна æмæ 2022  азмæ  та йæ   ноджы  фæцырддæр  кæна.  Вакцинаци  у  экономикæйы  цырдæй  сæндидзын кæнынæн  хуыздæр  амал.  Иурæстæгонæй  лыстæг æмæ астæуккаг    кондадтæн финанстæ рæувадат скæнын,  электронон коммерцийы  фæхуыздæр кæнын  æмæ  хъæууон  хæдзарады  трансформаци хæлцады продуктты  экспорты  фæфылдæр кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны  экономикæйы  дæргъвæтин рæзынады  æмæ   цæрджыты экономикон  фарны  разæууæл у», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны  Азийы Рæзынады  Банкы   иудадзыг  минæварады дирекктор  Шейн  Розенталь.

Азиии Рæзынады  Банк  2021  азы инфляцийы  5.0 проценты  онг фæсындæг кæныны прогноз  дæтты, 2022  азы  та – 3.5  проценты онг.  Архайæг хыгъдты дефицит 2021  азы  æмп-ы 10 проценты  онг фæкаддæр уыдзæн, 2022  азы  та   7 проценты онг, уымæн æмæ  базайрагы  баланс æмæ туризм  этапгай рæзынц.