Азербайджаны  стыр горæтты   карантины режим, фæстæмæ  фæкарз кодтой
Азербайджаны стыр горæтты карантины режим, фæстæмæ фæкарз кодтой

Азербайджаны  стыр горæтты   карантины режим, дыууæ къуырийæ  фæкарздæр кодтой.   Уæлрадон мадзæлттæ  коронавирусы  цауты  фæфылдæры тыххæй  райстой.

Хицауады  уынаффæйæ,   21  июнæй   5 июлы  онг,  аст цæрæн раны,  сæ  нымæцы Бакуйы,  Сумгаиты æмæ Гянджай, коронавирусы тыххæй уагæвæрд   арæнæвæрдтæ  фæкарз уыдзысты.  Абоæнй æхгæдж æрцæудзæн  базарадон центртæ, ресторантæ та кусдзысты æрмæст хæдзармæ  бадæттыны   сервисы руаджы.  Æхгæд æрцæудзысты музейтæ, равдысты  залтæ æмæ  аивгæнæн салонтæ.

Æмбюæстæгтæн хæдзарæй рацæуын сæ бон уыдзæн æрмæстдæр дыууæ  сахаты  æмгъуыдæй.  Ахæм арæнæвæрдтæ  Азербайджаны марты  кæрон сфидар кодтой, фæлæ  майы, сæ хай  аивдтой.

Кусын нæ уромынц,  хæлцадон  магазинтæ æмæ  афтектæ.  Кусдзæн æхсæнадон транспорт, уый нымæцы  Бакуйы  метрополитен.

Азербайджаны  фæстаг 24  сахаты мидæг,  коронавирусæй инфицирады   471  ног цау  фæбæрæг ис.