Азербайджаны хъахъхъæнынады министрад – контрбырсæнцыд æнтыстджынæй цæуы
Азербайджаны хъахъхъæнынады министрад – контрбырсæнцыд æнтыстджынæй цæуы

Азербайджайны хъахъъæнынады  министрады хъусын кæнынц, цæмæй «ныр æфсæддæттæ архайынц,стратегион бæрзæндтæ бацахсын, кæцытæ Сомихыстоны æрдгæй сты оккупацигонд».

«Бырсæнцыд  дарддæр кæны æрдæ æрдæмадæй,  Тертер-Агдамы, Физули-Джобраилы æмæ  Муровдаты хозы æрдæм» – дзырдæуы  Азербайджаны  хъахъъæнынады министрады  фидиуæны.

Афтæма сæ информацийæ,  «Контрбырсæн операцийы  рæстæджы  спайда кодтой  артиллери  æмæ авиацийæ».

Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  арæныл  уавæр  иттæг  фæкарз ис.  Фарсытæ  æфсæддон ыбцæудзинæдлты æмæ  амæттагы фæдыл хъусын кæнынц.

Азербайджайнаг медиайы  хъусинагæй,   Сомихыстоны æрдгæй   абон   сæумæрайсом  егъаумасштабон  бырсæнцыд сыххæст.  Фæстиуæгæн ис амæттаг. Уый нымæцы   сабырадон æмбæстæгтæ.

Азербайджаны хъахъъхæнынады  министрады  куыд дзурынц афтæмæй,   азербайджайнаг æфсæддæттæ  дзуаппон æхст  райдыдтой.   Сомихыстоны та хъусын кæнынц,  цæмæй   Азербайджаны æрдгæй  райдыдта бырсæнцыд Уæлхох Къарабахмæ.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрад та хъусын кæны, ома сомихаг  æфсæддæттæ  дыууæ азербайджайнаг  хæрдмæтæхæг  æмæ æнæпилот тæхæн аппарат  æрыппæрстой.  Сæ  хъусинагæй, æхсты гуыпп хъуысы  Сетпанакерты дæр.

Уыйимæ иумæ, Сомихыстоны хицауад  бæстæйы  æфсæддон уавæр  æрбайста.