Азербайджаны карздæр кæнынц  карантины мадзæлттæ
Азербайджаны карздæр кæнынц карантины мадзæлттæ

Азербайджаны  14 декабрæй  карз карантины  мадзæлттæ  скуыстой.  Карз  арæнæвæрдтæ  2021 азы  18 январмæ  аххæсдзысты.  Ацы периоды  куыст урæд цæуы «алы сферæйы,  цæрынæн  æнæнæмæнгхъæугæ  объектты æддæ». Уæлвæтк  сты коммуналон  оператортæ æмæ стратегион  кондады зонæтæ.

Алы иугай æмæ   хæрæндон  объект, хæлцады продуктты дуканитæй  æмæ афтектæй уæлдай, фæлхасгæнджытæн  æрмæст интернетæй кæнæ та  сæ заказы  æрвыстæй  балæггад кæндзысты.

Хицауад афтæдæр фæкарз кодта арæнæвæрдтæ  бæстæйы  алыварс  адæмы змæлдыл: 17 горæт  æмæ регионон центр, Бакуимæ  иумæ  æхкæд уыдзысты.

Сабат-Хуыцаубон  æнæхъæнæй  урæд цæуы  æхсæнадон транспорт  æмæ  карантины  периоды дæргъы æххæстæй  Бакуйы  метрополитен  дæр нæ кусдзæн.

Æхгæд горæтты  æмæ  регионон центрты  цæрджытæн фæдзæхст уыдзæн, сæрмагонд æнæмæнгхъæугæ  цауæй  уæлдай хæдзарæй  рацæуын:  уæгъд бынæтты чи кусы, уыдон регистраци хъуамæ ацæуой  специалон падздахадон  порталыл.

Бынæттон медиа  куыд фыссы,  афтæмæй,   эпидемиологион уавæр нысаниуæгджын фæфыддæры тыххæй,  бæстæйы хицауад  тыхыбын баис ахæм мадзæлттæ райсын.  Фæстаг 24 сахаты мидæг,  Азербайджаны  рабæрæг ис  «Ковид-19»-ы  4 451  ног цау, 39 адæймаг та амард. Ацы афонмæ  Азербайджаны  рæбæрæг ис  коронавирусæй инфицирады  175 874  цау, уыдонæй  1922 адæймаг  амард.