Азербайджаны  иуæй-иу æфсæддон базæйыл   срæмыгъды  фæстиуæгæн   дыууæ æфсæддон  фæмард
Азербайджаны иуæй-иу æфсæддон базæйыл срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ æфсæддон фæмард

Азербайджаны  иуæй-иу æфсæддон базæйыл   срæмыгъды  фæстиуæгæн   дыууæ æфсæддон  фæмард æмæ иу та  фæцæф.  Уый тыххæй хъусын кæны бæстæйы хъахъхъæнынады  министрад.

Бæрæг куыд у афтæмæй,   æнамонд цау сæумæрайсомы сахатты æрцыд.

Министрады информацийæ,  иуæй-иу æфсæддонæн йæ  къухтæй æрхайд  танкъы  сармадзаны нæмыг, кæцыйы  тыххæй  срæмыгъд æмæ дыууæ адæймагы цард ахаста.

Азербйджаны  хъахъхъæнынады  министрад фæмардуæвджыты æмæ  зиангонды  бинонтæн æмæнкъард сиды. Æнамонд цауы тыххæй   райдыдта  фæдагуырд.