Азербайджан  Сомихыстоны, транспортон  фæрæзтыл  æхсты азымджын кæны
Азербайджан Сомихыстоны, транспортон фæрæзтыл æхсты азымджын кæны

Азербайджан, Сомихыстоны  Хъазахы  районы   автомагитсралыл   транспортон фæрæзтыл  æхсты азымджын кæны. Азербайджайнаг медийы  хъусинагæй, зæгъгæ  хъæуты- Абасбеилы, Фарахлыйы  æмæ  Мазамы  æрдæм  змæлæг æфсæддон   æмæ  æфбæстагон  транспортыл   Сомихыстоны  гарзджын  тыхтæ,  ставд калибры   нæмыгзагъалæгæй  æмæ   снайперон  топпытæй  æхстой.

Азербайджаны  паддзахадон  арæйнон   куысты  хуъсын кæнынц, цæмæй   Сомихыстоны   æфсады  дæлхайад,  Иджеваны районы  хъæу Беркаберимæ хæстæг уыд дислоциргонд. Бакуйы дзурынц, цæмæй   инциденты  тыххæй,   автомагистралыл змæлдыл арæнæвæрдтæ   сфидар кодтой.

Азербайджайнаг медиа  фыссы, цæмæй  Сомихыстоны  гарзджын тыхты позициты  ныхмæ  дзуаппон  æхст  сæххæст,  цæй  фæстæдæр  автомагистралыл  змæлд сног ис.