Азербайджан хъусын кæны  Карабахы  антитеррористон  операцийы фæдыл, Сомихыстон та  Бакуйы æхсты фæурæды режим халыны азымджын кæны
Азербайджан хъусын кæны Карабахы антитеррористон операцийы фæдыл, Сомихыстон та Бакуйы æхсты фæурæды режим халыны азымджын кæны

Азербайджан  хъусын кæны  Карабахы  антитеррористон  операцийы фæдыл, Сомихыстон та  Бакуйы æхсты фæурæды режим халыны азымджын кæны. Азербайджаны хицауады информацийæ, æвæндагæрбайсæфтуæвджытыл нымад  сомихаг  æфсæддæттæ территорийæ нæ ацыдысты  æмæ  сарызтой хæстон позицитæ, фæстаг бонты та  сæххæст кодтой террористон  провокацитæ  æмæ  диверсон  архæйдтæ  уыцы уæнгты æмæ  æфсæддон кусджыты  ныхмæ, чидæриддæр  фæнысангонд территорийыл  æххæст кæнынц æмбæстагон службæ Азербайджаны æрдгæй.  Бакуйы дзурынц, цæмæй  оккупацийæ ссæрибаргонд хъæу Суры  сомихæгты  лæбурды амæттаг фесты æртæ æфсæддон.

Азербайджаны  хицауад  Адруты  цæрæн  раны цур, иу æфсæддоны  мæлæты фæдыл дæр хъусын кæны.  Бакуйы  дзурынц, цæмæй  уавæрмæ  гæсгæйæ,  Азербайджаны  Республикæйы  падзахадон  æдасдзинады куыст тыхыб баис, антитеррористон  операци  ауадзын фæнысангонд территориыл.

Сæхи æрдгæй  Ереваны хъусын кæнынц, ома Азербайджаны тыхтæ  дарддæр кæнынц  провокацитæ цæрæн пунктты,  Мец Шени æмæ Хин Шенийы  æрдæмадæй.  Сомихыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны банысангонд у, цæмæй  ацы  архæйдтытæн сæ нысан у  конфликты зонæйы   Уæрæсейы  сабырадон тыхты  уæвын сæнæаргъ кæнын. Ереваны  дзурынц, цæмй  Азербайджан  æхсты фæурæды  бадзырд халы,  этникон  ныссыгъдæ архайы  æмæ  сомихаг цæрæн пункттæ бацахсын  архайы.  Официалон Ереваны  реагиркæнынмæ æрсидтис OSCE-ы Минскъы къордмæ.