Азербайджан æмæ Сомихыстон  16 ноябры быцæудзинады фæстиуæгæн фæмардуæвджыты æмæ цæфты фæдыл  информаци хъусын кæнынц
Азербайджан æмæ Сомихыстон 16 ноябры быцæудзинады фæстиуæгæн фæмардуæвджыты æмæ цæфты фæдыл информаци хъусын кæнынц

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй,   Сомихыстонимæ арæнгæрон  æрцæугæ  гарзджын  быцæудзинады  фæстиуæгæн фæхъуыди авд азербайджайнаг  æфсæддон,  дæс та  фæцæф сты, Азербайджаны  хъахъхъæнынады  уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй   арæныл уавæр  ацы тæккæ стабилон у.

Сомихыстоны  информацийæ, дыууæфарсон  æхсты фæстиуæгæн  амард иу  сомихаг æфсæддон  13 та  амынæты бахаудысты.  Ноджы 24 æфсæддон нымад цæуынц æвæндаг æрбайсæфтуæвджытыл.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмйæ Азербайджан æмæ  Сомихыстоны  арæныл  быцæудзинæдтæ  16 ноябры   райдыдта. Ацы фоныл  азербайджайнаг æмæ  сомихаг  коллегæтимæ телефонæй фæныхас кодта  Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр.

Фарсытæм ныттынггонд уавæр ифтыгъд суадзынмæ æрсидтысты Евроцæдис æмæ OSCE. Фæстæдæр фарсытæ  æхст баурæдтой.